Мах фæцардыстæм фылдæр
Мах арæх фехъусæм, фæкæсæм:
Фæцардис ахæм лæг æнус.
Æмæ нæм уæд цыма фæкæсы
Нæхи уæззау цардвæндаг цъус.
Æнус æмæ æрдæджы карæн
Уыдис Агор, Мислим, æндæр.
Фæлæ куы уаид азтæн барæн,
Уæд мах фæцардыстæм фылдæр.
Фыдызнаг нæм цæттæйæ дардта
Фæсвæд, æргом æдзух йæ кард.
Мах бонгай нæ, уысмгай нымадтам
Цæргæ-цæрæнбонты нæ цард...
Æрымысæм-ма тохты азтæ, -
Нывондæн хастам мах нæ сæр.
Æнусты талынгад ныссастам,
Ыссыгъд Октябры цæхæр.
Ыстæй - фæллойадон ыстæртæ,
Нæ дуг нæма уыдис æрвонг...
Ысурс ысты æвзонгæй сæртæ,
Фæлæ нæ цард та кодта ног.
Ыстæй ыстырдæр хæст уыд ахæм, -
Нæ цард тæрæзтыл æвæрд уыд.
Мæлæт æргомæй рацыд махмæ
Æмæ йын уднывæндтæ хъуыд...
Æрсдонау раивылд дывыдон,
Уыд дуне, тар мигъау, фыдох.
Мæрдтæй ыздæхтыстæм æрвылбон,
Мæлæтимæ та ногæй - тох...
Æмæ фæтыхыстæм мæлæтыл,
Æниу куыд фæрæзтам быхсын!
Кæм уыд æнцой? - ныр та нæ мæт уыд
Фыдхæсты тугæрхæм ныхсын...
Йе, афтæ царды уаргъ фæхастам,
Лæг ма цы федтаид фыддæр!
Уæзæй куы аргъ кæниккам азтæн,
Уæд махæй чи фæцард фылдæр?!.
Козаты Исидор