Чи ‘взаг исфæраздзæнæй исзæгъун,
Чи фæндур исцæгъддзæнæй æ тæнтæй,
Дуйней адгинæн уæхæн фун,
Дæ хузæн ка ‘рттева тæмæнтæй!
Деденæг, рæсугъд дæ æнжти,
Цæрис зæнхаг уодæн æвгъайуаг,
Денгиз иуордæг уæ бæшти,
О, Сахи рæсугъд, мæ зайраг!
Дæ дæ уиндæй хори тунау,
Дженети рохс – дæ бакаст;
Æй адгин, адгин фунау,
Æ нарæги дæ ронбаст.
Дæ сау джиккотæ сæ фашти
Æнцæ хуари хумæ хъал анзæй;
Дæ дууæ цæшти сæ кашти
Нæ ‘нцæ игъауги налмазæй.
Дæ хъал реу æ рæсугъд, æ бæрзонди
Кæнуй зæронд, æвзонги инæфун,
Æмхузон æдзох истуй сæ зæрди,
Фæккæнгæй сæ æнæфун!
Уотæ нæ ‘й деденæг хъæлнæгъти
Уалдзæг будури æхцæуæн,
Сатæг уолæфт ба æнтæфти,
Куд æй дæ рæсугъд дæуæн!
Нæ баууæнддзæнæй мæйрохши арв
Йе 'хсæвæ дæ хæццæ æвзарун;
Аккагæй дин не ‘скæндзæнæй аргъ
Зæнхаг уодæн æ зарун!
О, Сахи рæсугъд, адгин фун,
Ку дин баронцæ дæ уиндæ тæразæй,
Уæд нæййес сагъæсæн æфсæдун,
Цох нæ кæнгæй дæ разæй!»