Галуанты Людмила
Цард цаеуы
Цард цаеуы наергае аемае аемыраей,
Уарзт даер афтае, - баззайы нае саентты,
Нарст цаесгом аербампылы фаендырау,
Раенцайы адзалы уаез нае уаенгтыл…
Уый нае таерсы амаелынаей царды,
Чи байуаерста адаемыл йае хаерзтае,
Чи нае ваердта искаей хъысмает кардыл,
Рухс сомбонаен чи радта йае заердае.
Чи нае кодта уарзоны аенамонд,
Чи нае уыд фыдзаердае аемае хингуырд,
Мад мае фыд каемаей уыдысты райгонд,
Адаемы аедзух аеххуысаен чи хъуыд.
Чи рысти йае баестаейыл, йае заеххыл,
Чи йын уыдис хъахъхъаенаег хаестонау,
Чи йын уыдис… Дарддаер мА цы заегъон?...
Чи басыгъдис, иу дзырдаей, цырагъау…
Бирае хъаеуы а дунейыл хорзаен,-
Айхъуыса дае кады хъуыддаг дардыл,
Бирае хъаеуы кувой дын дае зондаен,
Макуы таерсай амаелынаей царды…