Тбауæн
зарыдтæн
Тбауæн зарыдтæн
Æз доны былæй, хъуыста
дардæй,
Æнæуд, цавддурæй лæууыд.
Ыссыдтæн, хохы тыл мæ армæй
Æрлæгъз кодтон, йæ тых нæ зынд.
Мæнау, йæ адæмæй нæу разы,
Йæ уастых нал кæны æргом.
О, адæм, хох дæр нал фæразы
Уæ ницæйаг миты æргъом.
Тбауæн зарыдтæн,
Ныфсытæ уасхохæн æвæрдтон,
"Дæхимæ ма ныхъхъус бынтон",
Кæцæй мæ фехъусдзæн, æнхъæлдтон,
Æмæ йын, уайдзæфау, дзырдтон.
"Мæ хох, дæ цæрæнбон фылдæр у,
Мæнау нæ ныккæлдзæн дæ бон.
Æрæййафдзынæ ды æндæр дуг
Æмæ та суæвдзынæ æргом".
Тбауæн зарыдтæн:
"Нæ кувын, курæгæй ирвæзт дæ,
Фæлæ дæ уый зонын хъæуы, -
Дунейы кувæндæтты 'взæрсты
Мæнæн Тбауы хох лæууы".
Лæгæтæй ферттывта йæ цæст.